Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 15:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Лӕппу суанг хуыты хойрагӕй дӕр йӕ гуыбын бафсадыныл разы уыдаид, фӕлӕ йын уый дӕр ничи лӕвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 15:16
13 Iomraidhean Croise  

Маст кӕрдӕджытӕ ӕууылдтой, ӕхсӕлыйы уидаг — сӕ хойраг.


Мӕ уд мӕ мидӕг бастади, мӕ зӕрдӕ бандзыг ис.


Сыст, Хуыцау, раст тӕрхон рахӕсс! Ӕркӕс-ма: ӕдылытӕ Дын ӕрвылбон Дӕ ном фауынц.


Раст цыма, дымгӕ цы рыг систа, уый фӕсте суры ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Йе ’дылы зондӕй йӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл ис. Куыд фервӕза, уый нӕ зоны, ӕмӕ йӕ бон нӕу зӕгъын: «Уый мӕ къухы ӕцӕгдзинадӕй куы ницы ис!»


Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.


Мӕ цуры ӕрлӕуут, къулбадӕг усы лӕппутӕ, хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!


Йӕхи-иу куывдты чи ирхӕфста, уый ныр уынджы аззад, алцӕмӕй — ӕнӕ хай. Зынаргъ дарӕсты чи схъомыл ис, уый дӕр ныр бырӕттыл куы зилы!


Ефрем хизы дымгӕ, скӕсӕйнаг дымгӕйы фӕдыл зилы, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц мӕнгдзинад ӕмӕ тыхми. Ассириимӕ цӕдисонтӕ систы, оливӕйы сой ӕрвитынц Мысырмӕ.


Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.


Уӕд бынӕттон цӕрджытӕй иумӕ ӕххуырсты бацыд, ӕмӕ йӕ уый йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ арвыста.


Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: „Мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ ис, ӕмӕ хойрагӕй сӕ уӕлдай ныууадзынц, ӕз та ам стонгӕй мӕлын!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan