14 Куы ницыуал ӕм баззад, уӕд уыцы бӕстӕйы стонг заман скодта, ӕмӕ хъуаг ӕййафын райдыдта.
Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.
Йӕ уисӕн тӕригъӕд чи кӕны, уый йӕ фырты нӕ уарзы, фӕлӕ йӕ чи уарзы, уый йын зонд бацамондзӕн.
Ӕмӕ Дӕм мӕнӕ Ӕз Мӕ къух систон, дӕ зӕххы хай дын фӕкъаддӕр кодтон ӕмӕ дӕ радтон, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы филистимаг чызджыты къухтӕм, фӕлӕ суанг уыдон дӕр фефсӕрмы сты де ’нӕуаг митӕй.
Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ йӕхи дард бӕстӕм айста. Уым ӕнӕуаг цард кодта ӕмӕ йӕ бынтӕ бахордта.
Уӕд бынӕттон цӕрджытӕй иумӕ ӕххуырсты бацыд, ӕмӕ йӕ уый йӕ быдыртӕм хуытӕ хизынмӕ арвыста.