10 Зӕгъын уын, раст афтӕ фӕцин кӕнынц Хуыцауы зӕдтӕ иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй дӕр».
Ӕз ӕнаккагӕн, мыййаг, йӕ амӕлӕтмӕ бӕллын? — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Цӕмӕй йе ’наккаг митӕ ныууадза ӕмӕ цӕра, уымӕ нӕ бӕллын, ӕви?
Ӕз никӕй мӕлӕтмӕ бӕллын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ цӕрут!»
Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“
Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмӕн ӕргом чи дзура, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.
Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иуыл дӕр ӕнӕввӕрсон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.
Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, ацы кӕстӕртӕй иу дӕр фесӕфа, уый.
Зӕгъын уын: Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмы раз ӕргомӕй чи дзура, уый Адӕймаджы Фырт дӕр йӕхионыл банымайдзӕни Хуыцауы зӕдты раз.
Адӕмы раз Мыл йӕхи чи атигъ кӕна, ууыл та Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕни Хуыцауы зӕдты раз.
Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Йесо дзырдта дарддӕр: «Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты.
Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕни уӕлӕрвты.
Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд фӕдзурдзӕни йе ’мбал сылгоймӕгтӕм ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъдзӕни: „Цин кӕнут мемӕ — мӕ сӕфт драхмӕ ссардтон“.
Цӕмӕн, уый дӕр дын зӕгъдзынӕн: бирӕ тӕригъӕдтӕ йын барст ӕрцыд, ӕмӕ бирӕ дӕр уымӕн бауарзта. Чысыл тӕригъӕдтӕ барст кӕмӕн ӕрцыд, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у».
Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕгтӕн дӕр радта тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны фадат, цӕмӕй мыггагмӕйы цард райсой».
Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рауагъта ӕмӕ загъта:
Хуыцауӕн фӕндон цы хъыг у, уый расайы фӕсмон, ахӕм фӕсмон та фервӕзынмӕ фӕндаг у ӕмӕ хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.
Дӕуӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ, чи зоны, уый тыххӕй фӕхицӕн ис, цӕмӕй йыл сӕмбӕлай ӕхсызгонӕй ӕмӕ мыггагмӕ уа демӕ,
Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?