9 уӕд, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый дӕм ма бацӕуа ӕмӕ дын ма зӕгъа: „Дӕ бынат уымӕн ратт“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй фынджы кӕрон сбаддзынӕ.
Сӕрыстырдзинадӕн йӕ фӕдыл цӕуы худинаг, сӕрныллӕгдзинадӕн — уӕлзонд.
Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.
Куырыхонтӕ скадджын уыдзысты, зондцухтӕ та худинаджы бын фӕуыдзысты.
Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты, ӕппӕт адӕм та цин кодтой Йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.
Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй! Махӕн нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.