Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 14:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Йесо бафиппайдта, хуынд адӕмӕй алчидӕр уӕле сбадыныл куыд архайдта, уый ӕмӕ сын радзырдта ӕмбисонд:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 14:7
12 Iomraidhean Croise  

Фӕлтау дын зӕгъӕд: «Уӕлдӕр схиз», уӕздӕтты раз дӕ фегад кӕныны бӕсты. Дӕхи цӕстӕй цы фенай, уый тӕрхондонмӕ рахӕссыныл тагъд ма кӕн, науӕд уый фӕстӕ цы фӕуыдзынӕ, дӕ хион дӕ куы фӕхудинаг кӕна, уӕд?


Уый Уӕлзонды сидт нӕу, цымӕ? Зонды хъӕлӕс нӕ азӕлы?


«Адӕймаджы фырт! Израилӕгтӕн зӕгъ уыци-уыци, радзур сын ӕмбисонд.


Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо адӕмӕн амыдта фӕсномыгӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхӕстӕй та сын ницы дзырдта.


уарзынц минасы фынгтыл кадджындӕр ӕмӕ синагогӕты раззаг бынӕтты бадын;


Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын.


«Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын;


Пайда кӕнӕ хи стауыны охыл мацы аразут. Иу уӕ иннӕйы йӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕд.


Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф мах ницӕмӕ дары.


Самсон сын загъта: «Цӕй ӕмӕ уын уыци-уыци радзурон. Куывд авд боны фӕстӕ фӕуыдзӕнис, ӕмӕ йӕ кӕд уӕдмӕ базонат, уӕд уын ратдзынӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз хӕдоны гӕнӕй уафт хъуымацӕй, стӕй ма ноджыдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз фӕлысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan