Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 14:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы лӕг амайын райдыдта, фӕлӕ йын кӕронмӕ йӕ самайын нӕ бантысти“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 14:30
11 Iomraidhean Croise  

Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.


Науӕд ын бындур куы ӕрӕвӕра, фӕлӕ йӕ кӕронмӕ самайын куынӕ бафӕраза, уӕд уый чи фена, уыдон ыл иууылдӕр худдзысты


Кӕнӕ иу паддзах иннӕйы ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕни, мыййаг, ӕмӕ, ссӕдз минимӕ йӕ размӕ чи рацӕуы, уый ныхмӕ дӕс минимӕ фӕлӕууын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, уый тыххӕй рагацау нӕ бауынаффӕ кӕндзӕн?


Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни, чи фӕцуда, уымӕй та Ӕз райгонд нӕ уыдзынӕн».


Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕуыл фӕкуыстам, уый куыд нӕ фесафат, фӕлӕ уӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй куыд райсат, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan