3 Йесо бафарста динамонджытӕ ӕмӕ фарисейты: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
Уым уыдис, йӕ къух кӕмӕн бахуыскъ ис, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ фарисейтӕ, цӕмӕй Йӕ истӕмӕй фӕазымджын кӕной, уый тыххӕй Йесойы бафарстой: «Сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесойӕн загътой: «Кӕс-ма, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, сабаты цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц».
Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы фӕлваргӕйӕ, загъта:
Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» Ӕмӕ ницы дзырдтой.
Уым Йӕ бакомкоммӕ бадти, доннизӕй рынчын чи уыди, ахӕм лӕг.
Уыдон ныхъхъус сты. Уӕд бавнӕлдта рынчынмӕ, сдзӕбӕх ӕй кодта ӕмӕ йӕ арвыста.
Уӕд сын Йесо загъта: «Ӕз уӕ фӕрсын, сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?»
Ӕмӕ кӕд Моисейы Ӕгъдау ма фехалыны тыххӕй адӕймагӕн сабаты сунӕт кӕнынц, уӕд Ӕз рынчыны къахӕй сӕрмӕ сабаты кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм цӕмӕн смӕсты стут?