Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 14:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 «Чи Мӕм ӕрбацӕуа, уый йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ зӕнӕджы, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, уӕлдайдӕр та йӕ цард Мӕнӕй фылдӕр куы уарза, уӕд Мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 14:26
18 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ уый загъта: «Нӕ цӕуын, фӕлтау мӕхи бӕстӕм, мӕ фыды зӕхмӕ аздӕхдзынӕн».


Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый Мӕн аккаг нӕу. Йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы Мӕнӕй фылдӕр чи уарзы, уый дӕр Мӕн аккаг нӕу.


Ӕртыккаг загъта: „Ус ӕрхастон, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ нӕй цӕуӕн“.


Йесоимӕ цыди бирӕ адӕм. Уый сӕм разылдис ӕмӕ сын загъта:


Йӕ цард зынаргъ кӕмӕн у, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ цардыл чи нӕ ауӕрды, уый та мыггагмӕ цӕрдзӕни.


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Йаковы бауарзтон, Исав та Мын ӕнӕуынон сси».


Дыууӕ усы кӕмӕн уа, сӕ иу — уарзон, иннӕ та — нӕ, уымӕн сӕ дыууӕ дӕр лӕппутӕ ныййардтой, ӕмӕ, кӕй нӕ уарзы, уыцы усы лӕппу хистӕр зӕнӕг у, зӕгъгӕ,


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.


Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,


Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan