24 Зӕгъын уын, раздӕр кӕй хуыдтон, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн мӕ куывды фынгӕй. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл.]“»
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.
Уый фӕстӕ йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынг цӕттӕ у, фӕлӕ, кӕй фӕхуыдтон, уыдон йӕ аккаг нӕ разындысты.
Хицау та йын афтӕ: „Ауай стыр фӕндӕгтӕ ӕмӕ къахвӕндӕгтӕм ӕмӕ, кӕуыл фембӕлай, уыдонӕй алкӕй дӕр сразы кӕн, цӕмӕй ӕрцӕуой ӕмӕ мӕ хӕдзар адӕмӕй байдзаг уа.
Йесоимӕ цыди бирӕ адӕм. Уый сӕм разылдис ӕмӕ сын загъта:
Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.
Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».
Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куынӕ баууӕндат, уӕд уӕ тӕригъӕдты амӕлдзыстут».
Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.