18 Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр, цыма ӕмдзырд бакодтой, уыйау ӕфсӕнттӕ кӕнынмӕ фесты. Сӕ иу загъта: „Зӕхх балхӕдтон ӕмӕ йӕм хъуамӕ уынӕг ацӕуон. Хатырӕй мын уӕд“.
Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у.
Фынг куы сцӕттӕ ис, уӕд хуынд адӕммӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы арвыста, цӕмӕй сын зӕгъа: „Табуафси, саккаг кӕнут, алцыдӕр цӕттӕ у“.
Дыккаг загъта: „Фондз цӕды галтӕ балхӕдтон ӕмӕ сӕ фӕлварынмӕ цӕуын. Хатырӕй мын уӕд“.
Кӕй ӕрӕнкъард ис, уый Йесо куы федта, уӕд загъта: «Ӕвӕдза, бонджынтӕн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!
Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы.
Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой.
Фӕлӕ уӕ нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ мыггагмӕйы цард райсын.
Ӕниу, мӕ бон у, ӕмӕ зӕххоныл дӕр дарон мӕ зӕрдӕ. Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ зӕххоныл зӕрдӕ дарын йӕ бон у, уӕд мӕ бон та ноджы тынгдӕр у.
Уымӕн ӕмӕ Димас ацы дуне фылдӕр бауарзта, ныууагъта мӕ ӕмӕ ацыди Фессалоникӕмӕ, Крискент та ацыд Галатимӕ, Тит — Далматимӕ. Иунӕг Лука ма ис мемӕ.
ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты ӕмӕ баууӕнддзысты аргъӕуттыл.
цӕмӕй уӕм ма уа хӕтаг кӕнӕ ӕнӕхуыцау, Исавау хистӕр фырты бартӕ иу хъӕрмхуыппы къусыл чи баивта.