15 Уый фехъусгӕйӕ, уазджытӕй иу Йесойӕн загъта: «Тӕхудиаг у, Хуыцауы Паддзахады фынгыл минас чи кӕна, уый!»
Фӕлӕ куыддӕр ӕлхӕнынмӕ ацыдысты, афтӕ сиахсаг ӕрбахӕццӕ ис, ӕмӕ цӕттӕ цы чызджытӕ уыдысты, уыдон йемӕ бацыдысты чындзӕхсӕвмӕ, ӕмӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыди.
Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты.
Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.
Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты.
Зӕгъын уын: нал бахӕрдзынӕн Куадзӕн, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕдмӕ».
цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.
Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».