13 Фӕлӕ куывд куы кӕнай, уӕд ӕрхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты.
ӕмӕ стӕй ӕппӕт адӕмӕн, чи ӕрбамбырд ис, уыцы израилӕгтӕн, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, фӕйнӕ дзулы, финикты ӕмӕ чисмисты фӕйнӕ гуылы байуӕрста. Уый фӕстӕ адӕмӕй алчи йӕ хӕдзармӕ ацыд.
Уымӕн ӕмӕ ма сын Иудейы паддзах Езекиа мин галы раттын кодта, авд мины та — лыстӕг фос. Барджынтӕ дӕр сын мин галы рахицӕн кодтой, дӕс мины та — лыстӕг фос. Сауджынтӕй дӕр ма бирӕтӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой.
Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».
Уыйадыл адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты ӕмӕ иууылдӕр минас кӕнын ӕмӕ хуынтӕ ӕрвитынмӕ фесты. Сразӕнгард сты хъӕлдзӕг бӕрӕгбон аразынмӕ, уымӕн ӕмӕ сын цы ныхӕстӕ загъдӕуыди, уыдон бамбӕрстой ӕмӕ сӕ айстой сӕ зӕрдӕмӕ.
Мӕлӕтӕй-иу кӕй фервӕзын кодтон, уый мын-иу раарфӕ кодта, мӕ фӕрцы-иу идӕдзы зӕрдӕ срухс ис.
Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.
Хӕларзӕрдӕ адӕймаг арфӕгонд уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуыр лӕгӕн хай ратты.
ӕххормагӕн уӕ уд дӕр куынӕ бавгъау кӕнат ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы куы барӕвдауат, уӕд уӕ талынг ныррухс уыдзӕни, ӕмӕ бонрӕфты хурау тӕмӕнтӕ калдзӕни уӕ рухс.
Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.
Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм. Семӕ кодтой къуылыхты, куырмыты, цӕнкуылты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынты; ӕрӕвӕрдтой сӕ Йесойы къӕхты раз, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.
Цагъартӕ ацыдысты фӕндӕгтӕм ӕмӕ, кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлдысты, уыдоны ӕрхуыдтой — фыдзӕрдӕты дӕр ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕмы дӕр. Ӕмӕ чындзӕхсӕвы фынгтӕ байдзаг сты адӕмӕй.
Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.
Фысымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕры фынгмӕ дӕ хӕлӕрттӕ, де ’фсымӕртӕ, дӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ хъӕздыг сыхӕгты ма фӕхон, уымӕн ӕмӕ дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты ӕмӕ дын уымӕй дӕ хорздзинад бафиддзысты.
Тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын ӕй бафидын кӕй нӕу, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ дын уый тыххӕй рӕстудты райгасы бон хӕрзиуӕг рардӕуыдзӕн».
Лӕггадгӕнӕг ӕрбаздӕхт ӕмӕ уыдӕттӕ иууылдӕр йӕ хицауӕн радзырдта. Хицау смӕсты ис ӕмӕ йын загъта: „Рӕвдз ауай сахары уынгтӕ ӕмӕ фисынтӕм ӕмӕ мӕгуырты, цӕнкуылты, куырмыты ӕмӕ къуылыхты ӕрбахон“.
Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.
Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.
Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.
Уӕ бӕрӕгбон хъӕлдзӕгӕй ӕрвитут: ды, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрджытӕ: левиттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ, сидзӕрӕй ӕмӕ идӕдзӕй дзы чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр.
Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг,
Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.
Уый хъуамӕ уа уазӕгуарзон, хӕрзгӕнӕг, хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ,
Дӕ уарзт нын ӕрхаста стыр цин ӕмӕ нӕ ныфс бауагъта, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕрцы, ме ’фсымӕр, срухс сты сыгъдӕджыты зӕрдӕтӕ.
Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты.