11 Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Ды ӕфхӕрд адӕмы фервӕзын кӕныс, сӕрбӕрзонды ӕгады бынатмӕ ’руадзыс.
Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Уӕдӕ фӕстиат ма кӕн, афтӕмӕй, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн: цы дарӕс ӕмӕ бӕхы кой кодтай, уыдон — паддзахы дуаргӕс иудейаг Мардохейӕн! Цы загътай, уыдонӕй дӕ мацы ферох уӕд!»
Уымӕн ӕмӕ Уый сӕрыстыры ӕрныллӕг кӕны, фервӕзын кӕны ныфссасты.
Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!
Дунедарӕджы тас ахуыр кӕны уӕлзондыл, кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад.
Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.
Мыдӕн йӕ бирӕ хӕрд пайда куыд нӕу, афтӕ ’ппӕлӕн ныхасмӕ бӕллын дӕр хорз нӕу.
Сӕрыстыр йӕхи сӕгад кӕндзӕн, сӕрныллӕг та скадджын уыдзӕн.
Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.
Адӕймаджы ӕнӕввӕрсондзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, сӕрыстыртӕ ӕркъул кӕндзысты сӕ сӕртӕ. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд,
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн.
Йӕ къухы хъомыс равдыста ӕмӕ ныххӕлиу кодта, сӕрыстыр чи у, уыдоны сӕ фӕндтимӕ.
Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.
Фысымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕры фынгмӕ дӕ хӕлӕрттӕ, де ’фсымӕртӕ, дӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ хъӕздыг сыхӕгты ма фӕхон, уымӕн ӕмӕ дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты ӕмӕ дын уымӕй дӕ хорздзинад бафиддзысты.
Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ хъалонисӕг Хуыцауӕй хатыргондӕй ацыд, фарисей та — нӕ. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд чи кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй.
Бардарӕджы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.
Самуел зӕгъы: «Кӕд дӕхи цӕсты ницы уыдтӕ, уӕддӕр Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ сӕргъы нӕ лӕууыс, ӕви? Дунедарӕг дӕ Израилӕн байсӕрста паддзахӕй.