Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 14:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иу сабаты Йесо сихор хӕрынмӕ фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ бацыд, ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 14:1
19 Iomraidhean Croise  

Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ, цӕуыл у дӕ сагъӕс? Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


Дӕ хорзӕх мын цардӕй у зынаргъдӕр, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн.


Адӕймаг та цас зынаргъдӕр у фысӕй! Уӕдӕ сабаты хорздзинад аразын ӕмбӕлы».


Йесомӕ аивӕй сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй йӕ фӕзылын кӕной.


Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Ӕй иу фарисей сӕхимӕ сихор хӕрынмӕ бахуыдта. Йесо бацыд ӕмӕ фынджы уӕлхъус ӕрбадти.


Уым Йӕ бакомкоммӕ бадти, доннизӕй рынчын чи уыди, ахӕм лӕг.


Иуахӕмы фарисейтӕ Йесойы бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Уый сын дзуапп радта: «Хуыцауы Паддзахады ӕрцыдӕн цӕстӕй фенӕн нӕ уыдзӕн.


Уӕд Йесойы аивӕй хъахъхъӕнын райдыдтой ӕмӕ Йӕм, сӕхи рӕстгӕнджытӕй чи ӕвдыста, ахӕм мӕнгард лӕгты барвыстой, цӕмӕй Йӕ уыдон исты ныхасӕй ӕрцахсой — хицауады, ромаг бӕстыхицауы къухмӕ Йын раттӕн куыд уыдаид, афтӕ.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, ома кӕд сабаты искӕй сдзӕбӕх кӕна, уӕд Ӕй фӕазымджын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ.


Фарисейты ӕхсӕн уыдис иу адӕймаг, йӕ ном — Никодим, иудейаг хицӕуттӕй иу.


Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиел, динамонӕг, адӕмы ’хсӕн дзырддзӕугӕ лӕг, сыстад ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты ӕддӕмӕ рарвитын кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan