Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 13:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уӕд загъта сӕндонгӕсӕн: „Ныр ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуи бӕласмӕ, исты дыргъ ыл ссарон, зӕгъгӕ, ӕмӕ йыл ницы уынын. Акал ӕй, дзӕгъӕлы ма зӕххыл бынат дӕр цы ахсы“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 13:7
11 Iomraidhean Croise  

Мацы Мӕ бадом! Мӕ маст сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн — дӕуӕй та рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм».


Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.


Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым дыргъбӕлӕстӕ куы ныссадзат, уӕд сын фыццаг ӕртӕ азы сӕ дыргътӕ нымайут нӕфӕтчиагыл, ма-иу дзы хӕрут.


Ӕз уын ӕхсӕзӕм аз раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕртӕ азы бӕркад ратдзӕн.


Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Фӕлӕ йын уый загъта: „Ме ’лдар, ацы аз ма йӕ бауадз. Ӕз ын йӕ алфамбылай скъахдзынӕн, фаджыс ыл ныккӕндзынӕн,


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц».


Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.


Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan