4 Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты?
Иннӕтӕ Афекы сахармӕ бацӕйлыгъдысты, фӕлӕ сыл сахары сис афӕлдӕхт, ӕмӕ авд ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы йӕ быны фесты. Бен-Хадад йӕхӕдӕг сахармӕ балыгъд ӕмӕ фидарӕн йӕ рӕбинагдӕр уаты йӕхи бамбӕхста.
Суадоны кулдуар самадта Кол Хозейы фырт Шаллум, Мицпайы зылды хицау. Сарӕзта йӕ, уӕлейӕ йын ӕрдынагъуыст скодта, гуыдыртӕ ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ йыл сӕвӕрдта. Уымӕй уӕлдай ма паддзахы дыргъдоны акомкоммӕ, Силоамы цадӕй Давиды сахарӕй ӕрхизӕн къӕпхӕнты онг, къул самадта.
Ӕвиппайды ӕдзӕрӕг быдырӕй тыхдымгӕ ӕрбацыди, хӕдзары цыппар фисынмӕ фӕлӕбурдта. Хӕдзар ныккалдис ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыди, уыдон фӕмард сты. Иунӕг ӕз ма аирвӕзтӕн удӕгасӕй, цӕмӕй дын ӕй фехъусын кӕнон».
«Ацы адӕм Силоамы сабыр доныл нал ӕввӕрсынц, фӕлӕ цин кӕнынц Рециныл ӕмӕ Ремалийы фыртыл,
Нымайынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ӕм ӕрбакодтой, дӕс мин таланты дзы чи дардта, уыцы адӕймаджы.
Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ.
Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ. Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй“».
Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.
Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Уый сын дзуапп лӕвӕрдта: «Йесо Кӕй хонынц, Уый сыджыт сӕтимӕ сызмӕста, мӕ цӕстытӕ мын дзы байсӕрста ӕмӕ мын загъта: „Ацу Силоамы найӕнмӕ ӕмӕ дӕхи цӕхс“. Ӕз ацыдтӕн, мӕхи цӕхсадтон ӕмӕ цӕстӕй ракастӕн».
ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕ цӕсгом Силоамы найӕны цӕхс». («Силоам» нысан кӕны «ӕрвыст».) Уый ацыд, йӕхи цӕхсадта ӕмӕ фӕстӕмӕ, йӕ цӕстӕй ракаст, афтӕмӕй ӕрбаздӕхти.
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».