Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 13:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы рувасӕн зӕгъут: „Мӕнӕ ма абон ӕмӕ райсом сурын дӕлимонты, дзӕбӕх кӕнын рынчынты ӕмӕ иннӕбон фӕуыдзынӕн Мӕ куыст“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 13:32
16 Iomraidhean Croise  

— Ӕрцахсут-ма нын рувӕсты ӕмӕ сӕ лӕппынты! Нӕ сӕндӕттӕ нын сафынц сӕ тӕккӕ дидинӕг ӕфтаугӕйӕ!


Дӕ пехуымпартӕ, Израил, — хӕлддзӕгты ’хсӕн хъӕддаг куыйтӕ!


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».


Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?»


Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.


Алцӕмӕй дӕр сси ӕххӕст, ӕмӕ Йе ’ппӕт коммӕгӕстӕн фестад мыггагмӕйы ирвӕзындзинады гуырӕн.


Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алчертӕй ӕвӕры хуымӕтӕг ӕмӕ, лӕмӕгъдзинӕдтӕ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты; Ӕгъдау раттыны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та Алчерӕй сӕвӕрдӕуыд, мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи у, уыцы Фырты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan