3 Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.
Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».
Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.
«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».
Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн бабын сты?
Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты?
Нӕ, зӕгъын уын! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.