29 Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты.
Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххы рыгау сбирӕ уыдзысты ӕмӕ ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ скӕсӕнӕрдӕм, цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,
Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты.
Ӕмӕ уӕд арвитдзӕни Йӕ зӕдты ӕмӕ алы рӕттӕй — зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ — Йе ’взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн.
Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та — фӕстӕгтӕ».
Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕгтӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».
Ӕрмӕст уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ лӕууа фидар бындурыл, уа ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ хъуамӕ ма адард уат, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый уын цы ныфс дӕтты, уымӕй. Уыцы Фарны Уац фехъусын чындӕуыд дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.
Уыцы Уац ӕрхӕццӕ ис сымахмӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕгӕйдӕр цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ куы базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ.