Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 13:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 «Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 13:24
26 Iomraidhean Croise  

Ӕдзӕсгом агуры уӕлзонд, фӕлӕ йыл нӕ хӕст кӕны; зондджын йӕ зондыл ӕнцонӕй ӕфтауы.


Зивӕггӕнаджы йӕ фӕндтӕ фесафдзысты, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ кусын нӕ уарзынц;


Ӕдылы куыстӕй фӕллайгӕ кӕны, суанг, сахармӕ цы фӕндаг цӕуы, уый дӕр нал фӕуыны.


Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.


Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.


Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц.


Чидӕр Ӕй бафарста: «Хицау, чи фервӕздзӕн, уыдон, ӕцӕг, бирӕ не сты?» Йесо дзуапп радта:


Уӕдӕ иудадзыг уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».


Мӕ хъӕбултӕ, Ӕз бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ. Агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ, иудейӕгтӕн куыд загътон, афтӕ ныр сымахӕн дӕр зӕгъын: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм уӕ бон бацӕуын нӕу“.


Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕхи ӕруагъта найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон азмӕста; уый фӕстӕ-иу фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх ис цыфӕнды низӕй дӕр.]


Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».


Агурдзыстут ма Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут, ӕмӕ, Ӕз кӕм уон, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».


Ӕмӕ та сын Йесо ногӕй загъта: «Ӕз цӕугӕ кӕнын. Агурдзыстут ма Мӕ, фӕлӕ уӕ тӕригъӕды амӕлдзыстут. Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн».


Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн.


Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.


Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй мачи бафӕзма хивӕндты ӕмӕ сӕ уыдоны хъысмӕт ма баййафа.


Йешуамӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд ын загътой: «Ӕппӕт адӕмы уырдӕм цӕуыны сӕр ницӕмӕн хъӕуы. Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ мин лӕджы куы ацӕуа, уӕддӕр ӕгъгъӕд уыдзӕни Гайы сахар басӕттынӕн. Бирӕ не сты гайӕгтӕ, ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ма бафтау фыдӕбоныл».


Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan