2 Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн бабын сты?
Уыцы рӕстӕг Йесомӕ чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын радзырдтой, Пилат нывонд хӕссыны рӕстӕг кӕй ныццагъта, уыцы галилейӕгты тыххӕй: уыдонӕн сӕ туг сӕ нывӕндты тугимӕ схӕццӕ кодта, зӕгъгӕ.
Зӕгъын уын, нӕ уыдысты! Фӕлӕ уӕ тӕригъӕдтыл куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.
Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты?
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Равви, куырмӕй цӕмӕн райгуырд? Йӕхӕдӕг у тӕригъӕдджын ӕви йӕ ныййарджытӕ?»
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».