Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 13:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты, ӕппӕт адӕм та цин кодтой Йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 13:17
19 Iomraidhean Croise  

Мыды къусау — йӕ нӕргӕ хӕдзар, йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон.


Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагӕй мыггагмӕ! Аммен! Аммен!


Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у? Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз? Тас ӕфтауы Дӕ кад, о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!


Ахӕм заман ралӕудзӕн, ӕмӕ, Израилы ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонмӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй фӕзындзӕнис ӕвзонг тала — зӕххы гуырдз, ӕмӕ уый Дунедарӕгӕн кӕндзӕни кад ӕмӕ цыт.


Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.


Дунедарӕджы ныхасы раз аргъуыц чи кӕны, уыдон ӕрбайхъусӕнт, цы уын зӕгъы, уымӕ: «Уӕхи Мӕ адӕмыл кӕй нымайут, уый тыххӕй цӕстысындз фестадыстут уе ’фсымӕртӕн, ӕмӕ уӕ се ’мгӕрон нал уадзынц. Хынджылӕг кӕнынц, уӕдӕ-ма, дам, уын Дунедарӕг Йӕ кад раргом кӕнӕд, ӕмӕ мах фенӕм, кӕддӕра уын уӕ зӕрдӕ цӕмӕй барухс кӕндзӕни! Ӕз уын зӕгъын, уыдон хорзау нал фӕуыдзысты.


Ӕмӕ Йын дзуапп раттын сӕ бон нӕ уыди.


Уыцы сахат куырм лӕг цӕстӕй суыдта ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, Йесойы фӕдыл ацыди. Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр кад кодтой Хуыцауӕн.


фӕлӕ уымӕн ницы амал ардтой, уымӕн ӕмӕ адӕм иудадзыг иууылдӕр Йемӕ уыдысты ӕмӕ Йын Йӕ алы ныхасмӕ дӕр хъуыстой.


Ӕмӕ ма Йӕ истӕмӕй бафӕрсой, уымӕ сӕ ныфс нал хастой.


Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой — апостолты бафхӕрын сӕ бон нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн —


Фӕлӕ сын бирӕ нӕ бантысдзӕн. Алкӕмӕн дӕр раргом уыдзӕн, уыдон ӕнӕзонд кӕй сты, уый — уыцы дыууӕйы хабар куыд уыди, афтӕ.


Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса.


Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan