Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 13:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Йесо йын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, алчидӕр уӕ сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 13:15
16 Iomraidhean Croise  

цӕмӕй паддзахиуӕг ма кӕна ӕнӕхуыцау ӕмӕ адӕмӕн ахсӕн хыз ма феста.


Ӕнӕхуыцауы ӕвзаг хионыл дӕр нӕ ауӕрды, рӕстуд йӕ зонынады фӕрцы фервӕзы.


Уӕд сӕ кой дӕр нал уыдзӕн ӕфхӕрджытӕн, се сӕфт ӕрцӕудзӕни фидисгӕнджытӕн, бабын уыдзысты, фыдбылызтӕ аразынмӕ чи бӕллы, уыдон,


Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».


Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта:


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


Афтӕ сымах дӕр: уе ’ддаг бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ зынут, мидӕгӕй та цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй йедзаг стут.


Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.


Уӕдмӕ уый бӕрц адӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ дзы азмӕлӕн дӕр нал уыди. Йесойӕн йӕ фыццаг ныхас уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм: «Уӕхи хизут фарисейты ӕнхъизӕнӕй — цӕстмӕхъусдзинадӕй.


Уыдонӕн та загъта: «Искӕмӕн уӕ сабаты йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уыцы сахат не сласдзӕн, ӕви?»


Куыд дзурыс де ’фсымӕрӕн, ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты къала бӕлас нӕ уыныс, уӕд? Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас райс, цӕмӕй, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый фенай.


Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».


Иоанн дзы дыууӕмӕ фӕсидти ӕмӕ сӕ арвыста Хицау Йесойы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan