Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 13:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты ис, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Кусынӕн ис ӕхсӕз боны, гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та — нӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 13:14
20 Iomraidhean Croise  

Ӕхсӕз боны дӕргъы кус, кӕн дӕ алы хъуыддӕгтӕ,


Ӕхсӕз боны дӕргъы кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ӕвдӕм бон та уын уӕд ӕнцойы бон, цӕмӕй баулӕфой уӕ галтӕ ӕмӕ уӕ хӕрджытӕ дӕр, сӕ фӕллад суадзой уӕ цагъайраг сылгоймӕгты фырттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ.


Бафӕдзӕхстон сын Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, Мӕн ӕмӕ уыдоны ӕхсӕн фидыды нысанӕн. Уадз ӕмӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уыдоны Чи срухс кӕны, Уый.


Ӕппӕт лӕмӕгъты дӕр сымах фесхойут уӕхскӕй ӕмӕ сынӕгӕй, цӕвут сӕ уӕ сытӕй, цалынмӕ сӕ дзугӕй иуварс нӕ асурут, уалынмӕ.


Ӕхсӕз боны кусут, ӕвдӕм бон та ӕнцойбон у — сабат, уыцы бон-иу уазӕмбырд скӕнут. Мацы-иу бакусут, кӕмфӕнды куы цӕрат, уӕд дӕр: уый Дунедарӕджы сабат у.


Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесойӕн загътой: «Кӕс-ма, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, сабаты цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц».


афтӕ Йӕм ӕрбацыди синагогӕйы хицӕуттӕй иу, Иаир, зӕгъгӕ. Йесойы куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст фыхти Йесомӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, цы Йын бакӕной, ууыл.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, ома кӕд сабаты искӕй сдзӕбӕх кӕна, уӕд Ӕй фӕазымджын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ.


Ӕрбацыди Йӕм иу лӕг, йӕ ном — Иаир, синагогӕйы хицау. Йӕхи зӕххыл ӕрӕппӕрста Йесойы къӕхты раз ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ хӕдзармӕ бацӕуа,


Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».


Уӕд иууылдӕр синагогӕйы хицау Сосфеныл сӕхи ныццавтой ӕмӕ йӕ тӕрхондоны раз нӕмын райдыдтой. Фӕлӕ Галлион уый хъуыды дӕр не ’ркодта.


Синагогӕйы хицау Крисп йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ баууӕндыд Йесойыл. Коринфӕгтӕй Павелмӕ чи байхъуыста, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ аргъуыд райстой.


Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, фӕлӕ сын зонындзинӕдтӕ нӕ фаг кӕны.


Ӕхсӕз боны кус, дӕ алы хъуыддаг кӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan