59 Зӕгъын дын: бафидын дӕ цы хъӕуы, уый цалынмӕ фӕстаг мисхалы онг раттай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ».
Паддзах тынг смӕсты ис ӕмӕ йӕ хъизӕмарӕй марын кодта, цалынмӕ йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ.
Уӕд, Йӕ галиуфарс чи ис, уыдонӕн та зӕгъдзӕн: „Ацӕут Мӕнӕй, ӕлгъыстытӕ, хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ зӕдтӕн цӕттӕгонд цы мыггагмӕйы арт ис, уырдӕм.
Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты ӕнусмӕ хъизӕмар кӕнынмӕ, рӕстудтӕ та — ӕнусон цардмӕ».
Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: цы дарыс, уый цалынмӕ фӕстаг кодранты онг бафидай, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацӕудзынӕ.
Иу мӕгуыр идӕдз ус бацыд ӕмӕ дзы дыууӕ лептӕйы — иу кодрант — нывӕрдта.
Уый ӕдде ма не ’хсӕн ис стыр сӕрсӕфӕн, цӕмӕй, ардыгӕй уырдӕм ацӕуынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн ма бантыса, афтӕ уырдыгӕй дӕр ардӕм ӕрбацӕуӕн нӕй“.
Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уе ’хсӕн фидардӕр кӕны уарзондзинад.