Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 12:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Ӕз зӕхмӕ арт ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мӕ куыд тынг фӕнды, цӕмӕй ныридӕгӕн ссудза!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 12:49
14 Iomraidhean Croise  

Мӕгуыр адӕмӕн раст тӕрхон кӕндзӕн, зӕххыл цӕрӕг ӕфхӕрд адӕмӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзардзӕни рӕстӕй. Йӕ дзырды цӕфӕй стӕрхон кӕндзӕн зӕххӕн, фыдгӕнӕджы Йӕ раулӕфтӕй фесафдзӕн!


Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.


Йӕ хицауы фӕндон чи нӕ зыдта, афтӕмӕй нады аккаг митӕ чи фӕкодта, уый та къаддӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн. Хуыцау бирӕ кӕмӕн радта, уымӕй бирӕ ӕрдомдзӕн, йӕ бӕрны фылдӕр кӕмӕн бакодта, уымӕй фылдӕр ӕрцагурдзӕн.


Хъуамӕ Мыл хъизӕмӕртты аргъуыдӕй саргъуыдӕуа, ӕмӕ куыд тынг удхар кӕнын, цалынмӕ уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ!


Цалынмӕ бон у, уӕдмӕ хъуамӕ аразон, Чи Мӕ рарвыста, Уый хъуыддӕгтӕ. Тагъд ралӕудзӕн ӕхсӕв, ӕмӕ уӕд ничиуал ницы сараздзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan