Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 12:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Ӕмӕ сымах дӕр ут цӕттӕ, уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт фӕзындзӕни ӕнӕнхъӕлӕджы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 12:40
10 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.


Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕнис Адӕймаджы Фырт.


Уӕдӕ ӕдзухдӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут нӕдӕр уыцы бон, нӕдӕр уыцы сахат [Адӕймаджы Фырт кӕд ӕрцӕудзӕни].


Ныридӕгӕн махӕн нӕ фынӕйӕ райхъалы афон кӕй ралӕууыд, уый дӕр уын зындгонд у. Уымӕн ӕмӕ нӕм, куы баууӕндыдыстӕм, уӕдӕй ныр ирвӕзындзинад ӕввахсдӕр у.


Бардарӕг Йесо Чырысти суӕд уӕ хотых, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды ӕмӕ йӕ монцты фӕдыл ма цӕуат.


Уӕдӕ иннӕтау фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус.


Уӕдӕ цин кӕнӕм, фыр цинӕй райӕм ӕмӕ Йын кад кӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыди Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг ӕрцӕттӕ кодта йӕхи:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan