31 Фыццаджыдӕр Ын агурут Йӕ Паддзахад, ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.
Мӕнӕн та мӕ уд цин кӕндзӕни Дунедарӕгыл, ныццин кӕндзӕн Йӕ ирвӕзындзинадыл!
Мӕ азымыл сӕттын, мӕ тӕригъӕдыл фӕсмонӕй мӕлын.
Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Ахӕм уаг кӕмӕдӕриддӕр уа, уыдонӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ уыдзысты бӕрзонд, ӕдас ран — хӕхты фидӕртты. Къӕбӕр ӕмӕ сӕ доны мӕт никуы уыдзӕн.
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.
хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».
Ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы агурынц муртаттӕгтӕ, сымахӕн та уӕ Фыд Йӕхӕдӕг зоны, цы уӕ хъӕуы, уый.
Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».
Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?
Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».