Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 12:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Ӕппӕт уыдӕттӕ ацы дунейы агурынц муртаттӕгтӕ, сымахӕн та уӕ Фыд Йӕхӕдӕг зоны, цы уӕ хъӕуы, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 12:30
13 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ дзургӕ сымах нӕ кӕндзыстут, фӕлӕ сымах уылты дзурдзӕни уӕ Фыды Уд.


Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, ацы кӕстӕртӕй иу дӕр фесӕфа, уый.


Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?


Уӕхи хизут, рӕстгӕнджытӕ кӕй стут, уый адӕмы цӕстмӕ ӕвдисынӕй, науӕд хӕрзиуӕг нӕ райсдзыстут уӕ Уӕларвон Фыдӕй.


Ӕппӕт уыдӕттыл муртаттӕгтӕ тыхсынц; сымахӕн та уӕ Уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц, уый.


Ма сӕ фӕзмут, уымӕн ӕмӕ, нӕма ской кӕнут, афтӕмӕй йӕ уӕ Фыд фӕзоны, сымах хъуаг цӕмӕй ӕййафут, уый.


Уӕдӕ цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма тыхсут.


Фыццаджыдӕр Ын агурут Йӕ Паддзахад, ӕмӕ уын уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.


Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын ӕмӕ Бардарӕджы номӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй мауал цӕрат, муртаттӕгтӕ сӕ рӕузонды аххосӕй куыд цӕрынц, афтӕ.


ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттӕгтау чъизи монцты коммӕ ма кӕсут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan