25 Цыфӕндыйӕ дӕр уӕ йӕ цардмӕ бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн?
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл чи дары, сӕрыстыртӕй ӕмӕ фӕлитойтӕй йӕхи чи хизы!
Мадӕр дӕ сӕрӕй сомы кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ сӕрыхъуынтӕй иу дӕр урс кӕнӕ сау скӕнын дӕ бон нӕу.
Стӕй куы мӕт кӕнат, уӕддӕр уӕ уымӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн?
Уӕдӕ кӕд гыццыл исты скӕнын дӕр уӕ бон нӕу, уӕд иннӕ хъуыддӕгтыл цӕуыл мӕт кӕнут?
Йесойы фенын ӕй фӕндыди, фӕлӕ асӕй ныллӕг уыд, ӕмӕ йӕм адӕмӕй нӕ зынди.