23 Цард хойрагӕй ахсджиагдӕр у, буар та — дарӕсӕй.
Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!»
«Цыдӕриддӕр ӕм ис, уымӕй дӕ бар ис, — загъта Дунедарӕг, — фӕлӕ йын йӕхимӕ ма февнал». Ӕмӕ уыйадыл сайтан ацыди Дунедарӕджы цурӕй.
«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.
«Дӕ къухты ис, — загъта Дунедарӕг. — Цы дӕ фӕнды, уый йын кӕн, ӕрмӕст ӕй удӕгасӕй ныууадз».
Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы, фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.
Уый фӕстӕ Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр хойрагыл, нӕдӕр дарӕсыл.
Акӕсут-ма халӕттӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр сын гонтӕ ӕмӕ хордӕттӕ ис, афтӕмӕй сӕ Хуыцау ӕфсады. Сымах та мӕргътӕй цас зынаргъдӕр стут!
Куы бафсӕстысты, уӕд нау фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй мӕнӕу акалдтой денджызмӕ.