19 Уӕд зӕгъдзынӕн мӕхицӕн: мӕнӕйуый, бирӕ азты фаг дӕм ис мулк. Цӕр ныр ӕнцад-ӕнцойӕ, хӕр, нуаз ӕмӕ рай дӕ цардӕй“.
Сылгоймаг кӕй ныййардта, уыцы адӕймагӕн йӕ цард цыбыр у, йӕ маст та — бирӕ.
Давӕджы куы феныс, уӕд йемӕ ’мдзӕхдон свӕййыс, хӕтаг адӕмӕн — се ’мбал.
Ме сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон авд дӕлдзӕхы ныххауӕнт;
Мӕнг хъуыддӕгты фӕрцы дӕ къухы цы хӕзнатӕ бафтой, уыдонӕй пайда нӕй; раст фӕндагыл куы цӕуай, уӕд мӕлӕтӕй фервӕздзынӕ.
Куырыхонӕн йӕ кады худ — йӕ хъӕздыгдзинад, зондцух йӕхи йе ’дылы зондӕй сфӕлынды.
Дунедарӕджы ном — фидар мӕсыг, рӕстуд дзы бамбӕхсдзӕн ӕмӕ уыдзӕн ӕдас.
хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.
Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.
Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.
Уӕдӕмӕ хӕр, нуаз ӕмӕ цин кӕн дӕ къухты фӕллойыл — уымӕй хуыздӕр адӕймагӕн ницы ис, фӕлӕ уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Фӕлӕ сымах уый бӕсты хъӕлдзӕгдзинад сарӕзтат; цин кӕнут, галтӕ ӕмӕ фыстӕ ӕргӕвдут, дзидза хӕрут, сӕн нуазут ӕмӕ дзурут: «Цӕй уӕдӕ хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм — уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»
Додой сӕ къона, сӕумӕйӕ нозты фӕдыл чи зилы, фӕсахсӕвӕрты дӕр ӕнӕ сӕн чи нӕ лӕууы!
Додой уӕ къона, ӕнӕфсис тонагӕнджытӕ, иу хӕдзар иннӕйы фӕдыл, иу хуымзӕхх иннӕйы фӕдыл йӕхирдӕм чи ссивы! Иу гӕппӕл никӕмӕнуал ныууагътат, раст цыма сымах йеддӕмӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззади, уыйау.
Сидынц: «Цомут ӕмӕ абон дзӕбӕх нынцъухӕм сӕн ӕмӕ махсымӕ, райсом та дзы ноджы хуыздӕр фӕкӕсдзыстӕм нӕхимӕ!»
Ефрем та дзуры: «Схъӕздыг дӕн ӕз, бирӕ мулк ӕрӕмбырд кодтон, фӕлӕ мӕ къухы цыдӕриддӕр бафтыд — ницы фыдракӕнд, ницы тӕригъӕд мӕм ис!»
Сымах цин кӕнут, Ло-Девары сахар кӕй басастат, ууыл ӕмӕ дзурут: «Ау, Карнаимы сахар нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бацахстам?»
Йӕ ахсӕн хызтӕн хӕссы нывӕндтӕ ӕмӕ сын буд судзы, уымӕн ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы у фыр хъӕздыг, дзаджджын сты йӕ фынгтӕ.
Ӕмӕ сфӕнд кодта: „Бавдӕлон ӕмӕ мӕ хордӕттӕ фехалон, уыдонӕй стырдӕртӕ саразон ӕмӕ мӕ хор ӕмӕ мӕ мулк иууылдӕр уым бафснайон.
Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды мӕтӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕвиппайды ма ӕрӕййафа.
Ӕз Эфесы хъӕддаг сырдтимӕ куы тох кодтон, уӕд мӕ нысан кӕд зӕххон уыди, уӕд мын уымӕй цы пайда ис? Кӕд мӕрдтӕ ӕгас нӕ кӕнынц, уӕд «байдайӕм хӕрын ӕмӕ нуазын, уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»
Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.
Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та удӕгасӕй мард у.
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.
гадзрахатӕйцӕуӕг, ӕнӕсӕрфат, схъӕл адӕм, ирхӕфсӕнтӕ сын Хуыцауӕй зынаргъдӕр уыдзысты.
Сымах хъалӕй цардыстут зӕххыл, уӕ уды дзӕбӕхӕн; уӕхи хорз схастат уе ’ргӕвдыны бонмӕ.
Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.
Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“
Мысыраг бахӕццӕ кодта Давиды. Уый кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ амалекӕгтӕ быдыры куы апырх уаиккой. Хӕрынц ӕмӕ нуазынц, филистимаг ӕмӕ иудейаг зӕххытӕй бирӕ исбон кӕй байстой, уый фӕдыл бӕрӕгбон аразынц.