17 Лӕг йӕхимидӕг катай кодта: ныр цы кӕнон, мӕ хор кӕм бафснайон, ахӕм бынат мын куы нӕй, уӕд, зӕгъгӕ.
Цы дӕм ис, уый авд дихы акӕн ӕмӕ дӕ исбон алыхуызон авд хъуыддаджы бавӕр — зӕххыл ӕвзӕрӕй кӕд цы ӕрцӕудзӕн, уый ничи зоны.
Дӕ къӕбӕр адих кӕн стонгимӕ, рахау-бахаугӕнӕг мӕгуыры дӕ хӕдзармӕ бахон, гомгӕрцц адӕймагыл уӕлӕдарӕс скӕн. Дӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уымӕй дӕхи ма аиуварс кӕн.
Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Немӕ дзул кӕй нӕ райстам, уый тыххӕй нын афтӕ зӕгъы».
Курӕгӕн ратт, ӕфстау агурӕгыл дӕхи ма атигъ кӕн.
Уӕд иу динамонӕг сыстад ӕмӕ Йесойы бафӕлварыны тыххӕй загъта: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»
Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.
Ӕмӕ сын ӕмбисонд ӕрхаста: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ хуымы бирӕ хор ӕрзади.
Ӕмӕ сфӕнд кодта: „Бавдӕлон ӕмӕ мӕ хордӕттӕ фехалон, уыдонӕй стырдӕртӕ саразон ӕмӕ мӕ хор ӕмӕ мӕ мулк иууылдӕр уым бафснайон.
Уый фӕстӕ Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр хойрагыл, нӕдӕр дарӕсыл.
Уӕдӕ цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, ууыл ма мӕт кӕнут ӕмӕ ма тыхсут.
Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ мӕгуыртӕн феххуыс кӕнут. Уӕхицӕн, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ саразут; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты — уырдӕм сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕздзӕн ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ бахӕрдзӕн.
Уынаффӕгӕнӕг йӕхинымӕр загъта: „Ныр цы кӕнон? Мӕ бынатӕй мӕ исы мӕ хицау. Зӕхх къахын мӕ бон нӕу, мӕгуыргур цӕуын та мӕм худинаг кӕсы.
Ӕмӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ ӕнӕраст мулчы фӕрцы, цӕмӕй, куы смӕгуыр уат, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной се ’нусон цӕрӕнбынӕтты.
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕд уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
Уый йын загъта: „Хорз, мӕ дзӕбӕх цагъар! Чысыл хъуыддаджы иузӕрдион кӕй разындтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ хицауӕй ӕвӕрын дӕс сахарӕн“.
Уый сын дзуапп лӕвӕрдта: «Дыууӕ хӕдоны кӕмӕн ис, уый дзы иу, ӕппындӕр кӕмӕн нӕй, уымӕн раттӕд; хойраг кӕмӕ ис, уый дӕр бакӕнӕд афтӕ».
Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме ’лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы амал ис?»
Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»
Цы уӕм ис, уымӕй хай кӕнут уе ’мдин ӕфсымӕртӕн, исты хъуаг куы уой, уӕд; уазӕгыл уӕхи ма тигъ кӕнут.
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.
Уарзондзинад цы у, уый мах базыдтам, Йесо нӕ сӕраппонд Йӕ цард кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ не ’фсымӕрты сӕраппонд дӕттӕм нӕ цард.