16 Ӕмӕ сын ӕмбисонд ӕрхаста: «Иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ хуымы бирӕ хор ӕрзади.
Абырджыты хӕдзӕрттӕ цӕрӕг сты, Хуыцауы чи мӕсты кӕны, уыдон ӕдас сты, цыма Хуыцау сӕ къухы ис, уыйау.
Уый сӕ хъахъхъӕны, се ’нцой лӕууы, сӕ фӕндӕгтӕй Йӕ цӕст нӕ исы.
О Хуыцау, ӕнусты райдианӕй Ды мӕ Паддзах дӕ! Ды зӕхмӕ ирвӕзындзинад ӕрхастай!
Ӕнусон хӕлддзӕгтӕм ӕркӕс: ныддӕрӕн кодтой знӕгтӕ Кувӕндон.
Мӕнӕ дӕ хо Содом ӕмӕ йӕ чызджыты азым: хъал, фырӕфсӕст ӕмӕ ӕвдӕлон. Дӕ хо никуы баххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккӕн.
Уый нӕ зыдта, Ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хӕринаг, сӕн ӕмӕ сой, ӕнӕнымӕц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, уый та Баалы гуымиры сарӕзта.
Иннӕтӕ та ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл ӕмӕ радтой тыллӕг: иутӕ — фондзыссӕдз хатты, иннӕтӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕтӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр.
Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.
Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».
Лӕг йӕхимидӕг катай кодта: ныр цы кӕнон, мӕ хор кӕм бафснайон, ахӕм бынат мын куы нӕй, уӕд, зӕгъгӕ.
Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады».