12 Уымӕн ӕмӕ уын Сыгъдӕг Уд уайсахат бацамондзӕн, цы зӕгъын хъӕуы, уый».
Дунедарӕг ын загъта: «Адӕймагӕн ӕвзаг чи радта? Гоби кӕнӕ йӕ къуырма чи скӕны? Чи йӕ кӕны куырм кӕнӕ цӕстджын? Ӕз, Дунедарӕг!
Цу уӕдӕ! Ӕз демӕ уыдзынӕн, куы дзурай, уӕд. Цы зӕгъын хъӕуы, уый дын Ӕз Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн».
Куы уӕ ӕрцахсой, уӕд-иу, куыд кӕнӕ цы зӕгъын хъӕуы, ууыл ма тыхсут — цы зӕгъын хъӕуы, уый уын уайсахат рардӕуыдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ дзургӕ сымах нӕ кӕндзыстут, фӕлӕ сымах уылты дзурдзӕни уӕ Фыды Уд.
Уӕд Ӕм адӕмӕй иу чидӕр бахатыд: «Ахуыргӕнӕг, зӕгъ-ма ме ’фсымӕрӕн, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззади, уыдонӕй мӕнӕн дӕр схай кӕна».
Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.
Уӕд Петр Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй загъта: «Адӕмы хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕртӕ!
Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыди йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын.
Стефан та — Сыгъдӕг Удӕй йемыдзаг, афтӕмӕй — скасти арвмӕ, федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы, Хуыцауы рахизфарс лӕугӕ.