9 Уӕдӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.
Тӕхуды, ӕз ахӕм фӕндӕгтыл куы цӕуин, цӕмӕй Дын ӕххӕст кӕнон Дӕ уагӕвӕрдтӕ!
Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.
Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.
Ме уӕнгтӕ иууылдӕр зӕгъдзысты: «О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕуау кӕй бон суыдзӕн ӕнӕбоны тыхджыны къухӕй скъахын, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы стигъджытӕй фервӕзын кӕнын?»
Фегад ӕмӕ фӕхудинаг уӕнт, марынмӕ мӕ чи хъавы, уыдон. Ӕгады здӕхт акӕнӕнт фӕстӕмӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕнд ӕрымысджытӕ!
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Дуар байгом кодтон мӕ уарзонӕн, фӕлӕ уӕдмӕ уым нал уыд, ацыди. Фӕцыдӕр ис, ӕмӕ фӕцӕйтыдта мӕ зӕрдӕ, агуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ нал ардтон, сидтӕн ӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ лӕвӕрдта.
Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый.
Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн.
балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.
Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.
Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».
Уыцы дыууӕйӕ йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Ӕмӕ сын Йесо афтӕ: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъалонисджытӕ ӕмӕ хъахбай сылгоймӕгтӕ сымахӕй раздӕр бацӕудзысты Хуыцауы Паддзахадмӕ.
фӕлӕ уын зӕгъын: суанг Соломон дӕр, уый бӕрц кадджын уӕвгӕйӕ, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи.
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ куывды цы курат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут ӕмӕ йӕ уӕд ӕнӕмӕнгӕй райсдзыстут.
Сымахӕн цы зӕгъын, уый алкӕмӕ дӕр хауы: уӕхи цӕттӕ дарут!»
Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, алы агурӕг дӕр ссары ӕмӕ алы хойӕгӕн дӕр дуар байгом вӕййы.
Ӕмӕ, Мӕ ном ссаргӕйӕ, цыдӕриддӕр ракурат, уый уын ратдзынӕн, цӕмӕй Фырты фӕрцы Фыды кад раргом уа.
Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.
Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.
Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».
иудадзыг хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ афтӕмӕй намыс, кад ӕмӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ чи тырны, уыдонӕн — мыггагмӕйы цард;
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.
Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн хӕрзиуӕг кӕй ратты, ууыл.
Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын хатыр уа ӕмӕ бахъуаджы сахат ӕххуысы хорзӕх райсӕм.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.
Ӕмӕ, йӕ бындуры уырнындзинад кӕмӕн ис, уыцы куывдӕй сдзӕбӕх уыдзӕн рынчын, ӕмӕ йӕ Бардарӕг слӕууын кӕндзӕн йӕ къахыл. Кӕд тӕригъӕд ракодта рынчын, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни.
Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фӕкурӕм, уый Дзы райсӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ ӕмӕ Йын нӕ хъуыддӕгтӕ сты фӕндон.
Сымахӕн та — Фиатирӕйы чи ис ӕмӕ уыцы ахуырадыл хӕст чи нӕу, сайтаны сусӕгдзинӕдтӕ кӕй хонынц, уыдоны чи нӕ аныгъуылд — зӕгъын: ӕндӕр уаргъ уыл нӕ сӕвӕрдзынӕн.