Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 11:51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

51 Авелы тугӕй, нывондхӕссӕнӕй Кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардӕуыд, уыцы Захариайы туджы онг. О, зӕгъын уын, уый ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 11:51
9 Iomraidhean Croise  

Евӕйӕн ма фӕстӕдӕр райгуырд иу лӕппу — Авел, Каины ӕфсымӕр. Авел хызта фысвос, Каин та кодта зӕххы куыст.


Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се ’взагӕй фӕцыдӕр!“


Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ӕстӕм мӕйы Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг.


Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры.


Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры.


Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan