48 ӕмӕ уымӕй ӕвдисут, уӕ фыдӕлты митӕ растыл кӕй нымайут, уый: уыдон сӕ маргӕ акодтой, сымах та сын зӕппӕдзтӕ аразут.
Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.
Ӕз нӕ — дӕхи ’взаг дӕ кӕны азымджын, дӕхи ныхӕстӕ дыл цӕуынц комдзог.
Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.
Сымах фӕрсут, фыды азым фыртӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ӕрдомдӕуа, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ фырт рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын у, Ме ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ дӕр Мын нымайы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны. Уый ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах чъырӕйцагъд зӕппӕдзты хуызӕн стут — уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та йедзаг сты мӕрдты стджытӕ ӕмӕ алы чъизитӕй.
Афтӕмӕй уӕхи ныхмӕ ӕвдисӕн лӕуут — пехуымпарты чи мардта, уыдонӕн сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стут.
Сар уӕ сӕр! Уӕ фыдӕлтӕ цы пехуымпарты фӕцагътой, уыдонӕн сымах та аразут зӕппӕдзтӕ
Хуыцауы уӕлзонд уымӕн загъта: „Пехуымпартӕ ӕмӕ фидиуджытӕ сӕм арвитдзынӕн, ӕмӕ дзы кӕй ӕфхӕргӕ кӕндзысты, кӕй — маргӕ“.
Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.
Ме ’фсымӕртӕ, Бардарӕджы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпартӕ хъизӕмӕрттӕн куыд фӕразон уыдысты, афтӕ фӕразон ут сымах дӕр.
Йешуа адӕмӕн загъта: «Дунедарӕджы кӕй равзӕрстат ӕмӕ Йын лӕггад кӕй кӕндзыстут, уымӕн ӕвдисӕн лӕуут уӕхӕдӕг уӕхицӕн?» Адӕм дзуапп радтой: «Лӕууӕм ӕвдисӕн».