47 Сар уӕ сӕр! Уӕ фыдӕлтӕ цы пехуымпарты фӕцагътой, уыдонӕн сымах та аразут зӕппӕдзтӕ
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах чъырӕйцагъд зӕппӕдзты хуызӕн стут — уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та йедзаг сты мӕрдты стджытӕ ӕмӕ алы чъизитӕй.
ӕмӕ уымӕй ӕвдисут, уӕ фыдӕлты митӕ растыл кӕй нымайут, уый: уыдон сӕ маргӕ акодтой, сымах та сын зӕппӕдзтӕ аразут.
Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
Бардарӕг Йесойы дӕр ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейӕгтӕ амардтой, мах та фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты.