45 Уӕд Йесойы ныхӕстӕм иу динамонӕг загъта: «Ахуыргӕнӕг, афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй Ды мах дӕр ӕфхӕрыс».
Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».
Мӕ алы ныхас — хъӕрахст, ӕрдиаг кӕнын стыгъд ӕмӕ тыхмийыл! Дунедарӕджы ныхас кӕй хъусын кӕнын, уый тыххӕй сӕгад дӕн, алы бон — хынджылӕггаг.
Кӕмӕн дзурон, кӕмӕн амонон зонд, чи хъусдзӕн? Сӕ бон нӕу хъусын, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды. Уыдон ӕлгъ кӕнынц Дунедарӕджы ныхасыл, ӕнӕуынон сын у.
Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы фӕлваргӕйӕ, загъта:
Йесо йын дзуапп радта: «Сар уӕ сӕр сымахӕн дӕр, динамонджытӕ! Адӕмыл уӕззау уӕргътӕ ӕвӕрут, уӕхӕдӕг та уӕ къух дӕр ницӕмӕ бакӕнут, цӕмӕй сын феххуыс кӕнат.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ! Сымах байстат зонынады дӕгъӕл; уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыди, уыдоны дӕр нӕ бауагътат».
Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстой.
Хицӕуттӕй кӕнӕ Йыл фарисейтӕй исчи баууӕндыди, мыййаг?
Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.
Фарисейтӕй уым Йӕ разы чи уыди, уыдон уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Ӕй бафарстой: «Ау, мах дӕр куырмытӕ стӕм?»