44 Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нӕ дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл рацу-бацу кӕнынц, уыцы рох ингӕнты хуызӕн».
О Дунедарӕг, Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз! Ме знӕгты фыдӕнӕн мын слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг!
Бӕрӕгдзаутӕй-иу исчи адӕймаджы стӕгдарыл куы сӕмбӕла, уӕд-иу ын йӕ разы бӕрӕггӕнӕн ныссадздзӕни, цӕмӕй йӕ стӕй мардныгӕнджытӕ Гогы ӕрдонгты дӕлвӕзы баныгӕной.
Мӕ Хуыцауы пехуымпар Ефремӕн у йӕ хъахъхъӕнӕг, фӕлӕ йӕ алы фӕндагыл дӕр — ахсӕн хызтӕ, йӕ Хуыцауы хӕдзары — ӕнӕуынондзинад.
Искӕй къухӕй чи фӕмард, ууыл кӕнӕ йӕхи низӕй амӕлӕгыл, адӕймаджы стӕгдар кӕнӕ ингӕныл хӕдзарӕн ӕдде чи андзӕва, уый чъизи уыдзӕн авд боны.
Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр, куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм уӕларвон мӕргътӕ ӕртӕхынц ӕмӕ йын йӕ къалиутыл ахстӕттӕ саразынц».
Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ӕрцӕвдзӕн, чъырӕйцагъд сис! Цӕмӕй мын Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнай, уый тыххӕй ам бадыс, афтӕмӕй радтай мӕ нӕмыны бардзырд ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау!»