40 Ӕнӕзӕндтӕ! Ӕддейӕ цы ис, уый дӕр ӕмӕ, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр иу Скӕнӕг не сфӕлдыста, мыййаг?
Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы, Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс куыд уа, афтӕ. Уадз ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕна денджызы кӕсӕгтӕн, уӕларвон мӕргътӕн; ӕппӕт зӕххыл — йӕ алы фос, йӕ алы хилӕгойӕн».
Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.
О Дунедарӕг! Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры, Дӕ уаз хохыл цӕрын?
Дӕхи хиз фыд ракӕнынӕй ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз. Фидыды фӕндаг агур ӕмӕ йыл цу.
«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?
Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!
Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!
Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:
Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?»
Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Сыгъзӕрин ахсджиагдӕр у ӕви, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Кувӕндон?
Куырм фарисей! Раздӕр уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ мидӕгӕй ссыгъдӕг кӕн, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр сыгъдӕг уыдзысты.
Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“
Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Куыд зынтӕй ӕууӕндут, пехуымпартӕ рагуацы хуызы цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл!
Ӕнӕзонд, ды цы тауыс, уый нӕ райгас уыдзӕни, куынӕ амӕла, уӕд.
Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ!