Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 11:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ. Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 11:4
31 Iomraidhean Croise  

алы бӕллӕхӕй мӕ Чи хызта, уыцы зӕд — ракӕнӕд ацы лӕппутӕн арфӕ! Ацы лӕппутӕ хӕссӕнт мӕ ном, мӕ фыдӕлтӕ Авраам ӕмӕ Исаакы ном! Дунейыл ӕнӕнымӕц бирӕ бауӕд сӕ байзӕддаг!»


уӕд-иу сӕ уӕларвӕй фехъус, ныббар-иу Дӕ адӕмы, Израилы, тӕригъӕд ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздах сӕ зӕхмӕ, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уырдӕм!


уӕд-иу уӕларвӕй фехъус Дӕ лӕггадгӕнджыты, Израилы адӕмы, ӕмӕ-иу сын ныббар сӕ азым, раст фӕндагыл-иу сӕ сараз, фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн сын цы зӕхх радтай, ууыл та-иу къӕвдайы ’ртах ӕруадз!


Фарн уӕд дӕ систы ӕхсӕн, ӕнӕфыдбылыз уӕнт дӕ галуантӕ!»


Ӕз та дӕн ӕнӕкъӕм, — батӕригъӕд мын кӕн, фыдбылызӕй мӕ бахиз!


О Дунедарӕг, фехъус нӕ, ныббар нын! Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Дӕхи сӕраппонд нын фехъус нӕ куывд! Дӕ ном куы хӕссынц Дӕ адӕм ӕмӕ Дӕ сахар!»


Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.


Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр уын афтӕ бакӕндзӕн, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй куынӕ ныббара, уӕд».


Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд фидар у, буар та — ӕдых».


Йесо сын загъта: «Ныр, зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн ис хӕлар, ӕмбисӕхсӕв ӕм бацыдыстут ӕмӕ йын загътат: „Мӕ хӕлар, ӕртӕ дзулы мын ӕфстау авӕр.


Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ, Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс лӕджы Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тынгдӕр фӕазымджын сты?


Йесо сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕнӕн бафӕразат».


Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы.


Ды сӕ дунейӕ акӕнай, Ӕз Дӕ уый нӕ курын, фӕлӕ Дӕ курын, цӕмӕй сӕ хӕйрӕгӕй бахизай.


Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.


Быхсут кӕрӕдзийӕн. Иу уӕ иннӕмӕ куы фӕхӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд. Чырысти уын куыд ныббарста, афтӕ ут барон.


Фӕлӕ Бардарӕг иузӕрдион у, Уый уӕ сфидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ бахиздзӕни сайтанӕй.


Бардарӕг мӕ бахиздзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн Йӕ Уӕларвон Паддзахадӕн. Кад Ын уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan