Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 11:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ цӕст чъизи куы уа, уӕд дӕ буар дӕр талынг уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 11:34
28 Iomraidhean Croise  

къӕсӕрыл цы адӕм уыди, уыдоны та кӕстӕрӕй, хистӕрӕй афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, дуар агургӕйӕ, фыдӕбоны хай баисты.


Ӕнӕрвӕссон бакаст ӕмӕ сӕрыстыр зӕрдӕ ӕнӕхуыцауӕн цырагъы хуызӕн сты, фӕлӕ уый тӕригъӕд у.


Фыд зыд хъӕздыгдзинадмӕ тагъд кӕны, йӕ фӕдыл гӕвз кӕй цӕуы, уый нӕ зоны.


Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.


Афтӕ ’нхъӕл стут, ӕмӕ Дунедарӕг куырм ӕмӕ къуырма у? Уый, Йӕхицӕн лӕггадгӕнӕгӕн кӕй равзӕрста ӕмӕ Йӕ минӕвар кӕй скодта, уыдон сты куырм ӕмӕ къуырма.


Ахӕмтӕ ӕппындӕр ницы зонынц ӕмӕ ӕмбарынц: Уый сын сӕхгӕдта сӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уыной, сӕ зӕрдӕтӕ — цӕмӕй ма хатой.


Додой сӕ къона, фыдракӕнд хорз чи хоны, хорздзинад та — фыдракӕнд, тар рухсыл чи нымайы, рухс та — тарыл, маст — хӕрзадыл, хӕрзад та — мастыл!


Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».


Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!


уымӕн ӕмӕ „сӕ цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц. Хуыцаумӕ се ’ргом куы раздахиккой, уӕд сын барст ӕрцӕуиккой сӕ тӕригъӕдтӕ“».


бинойнагыл сайдӕй цӕуын; кӕрӕф, фыдӕх, мӕнгарддзинад, хъахбайдзинад, хахуыр, хирвӕссондзинад, ӕдылы митӕ.


Цӕстытӕ уыл куы ис, уӕд нӕ уынут? Хъустӕ уыл куы ис, уӕд нӕ хъусут? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви:


Уӕдӕ дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕм цы рухс ис, уый талынг ма разына.


Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта.


Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы.


цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.


Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.


Фӕлӕ уын ӕз тӕрсын, калм Евӕйыл хинӕй куыд рацыд, афтӕ сымахӕн дӕр уӕ зонд зыгъуыммӕгонд куы ’рцӕуа, ӕмӕ Чырыстийы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион уарзтӕй куы адард уа.


Ацы дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, кадылдзурӕг Фарны Уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау, кадджын Фыд, схайджын кӕнӕд уӕлзонды Удӕй сымах, цӕмӕй базонат Хуыцауы.


Цагъартӕ, зӕрдиагӕй, тӕрсгӕйӕ ӕмӕ аргъуыц кӕнгӕйӕ уӕ зӕххон хицӕутты коммӕ кӕсут, цыма Чырыстийӕн лӕггад кӕнут, афтӕ.


Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс. Зӕрдӕ балхӕнынӕн сын цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут зӕрдиагӕй, Бардарӕгӕй тӕрсгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan