30 Уымӕн ӕмӕ Ионӕ ниневиӕгтӕн ӕвдисӕйнаг куыд уыди, Адӕймаджы Фырт дӕр ацы фӕлтӕрӕн афтӕ уыдзӕни.
Езекиел уын уыдзӕни нысан. Сымах кӕндзыстут, уый куыдӕриддӕр бакодта, афтӕ. Ӕмӕ уыл уыдӕттӕ куы ’рцӕуой, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый».
Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:
Ӕз та Дын кады зарӕгӕй нывонд ӕрхӕсдзынӕн, цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн. Ирвӕзындзинад Дунедарӕгмӕ ис!»