20 Фӕлӕ кӕд Хуыцауы хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ ис Хуыцауы Паддзахад.
Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.
Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.
Фӕлӕ кӕд Ӕз Хуыцауы Уды хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уый, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрхӕццӕ ис, ууыл дзурӕг у.
«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
„Уӕ сахары нӕ къӕхтыл цы рыг ӕрбадти, уый дӕр ӕрцагътам ӕмӕ уын ӕй уӕхицӕн уадзӕм. Фӕлӕ зонут, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрӕввахс ис, уый“.
Сӕ рынчынты сын дзӕбӕх кӕнут ӕмӕ адӕмӕн дзурут: „Ӕрӕввахс уӕм ис Хуыцауы Паддзахад“.
Тыхджын йӕ хӕдзар ӕд хӕцӕнгарз куы хъахъхъӕна, уӕд йӕ исбонӕн тас нӕу.
Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр — кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон — мӕн кӕй нал фендзыстут, уый.
Уӕ уавӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы ӕнӕхӕрам тӕрхон кӕй ралӕудзӕнис, уымӕн, ӕмӕ сымах нымад ӕрцӕудзыстут, хъизӕмар кӕй сӕраппонд кӕнут, Хуыцауы уыцы Паддзахады аккагыл.