Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 11:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йесо сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном! Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад. Уӕлӕрвты куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр сӕххӕст уӕд Дӕ фӕндон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 11:2
45 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын сӕххӕст кӕн, цӕй тыххӕй Дӕм скува, уый, цӕмӕй Дын ӕппӕт адӕмтӕ базоной Дӕ ном, аргъуыц Дын кӕной, Дӕ адӕмау, Израилау, цӕмӕй базоной, кӕй Дын сарӕзтон, уыцы Кувӕндон Дӕ ном кӕй хӕссы, уый.


О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн знагӕй! Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлты Хуыцау! Уӕлӕрвтӕн дӕр ӕмӕ алы паддзахадӕн дӕр сӕ Хуыцау Ды куы дӕ! Хъару ӕмӕ хъомыс Дӕумӕ куы сты! Дӕ ныхмӕ ӕрлӕууын куы никӕй бон у!


Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв, хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.


Мӕ хорз мын фидынц ӕвзӕрӕй, мӕ уарзт — ӕнӕуынондзинадӕй.


Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.


Рӕстуд цинӕй райдзӕни, Хуыцау ын ӕнӕхуыцӕуттӕй йӕ маст куыд райста, уый фенгӕйӕ, ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕнӕхуыцӕутты туджы ӕрӕхсдзӕн.


Лӕг бирӕ цӕуылдӕрты куы фӕтыхсы, уӕд фынтӕ фӕуыны, афтӕ ӕдылы дӕр йӕ бирӕдзурагӕй бӕрӕг дары.


Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».


Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Фӕлӕ уӕлӕрвты ис сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау, ӕмӕ Уый паддзах Навуходоносорӕн раргом кодта, рӕстӕджы кӕрон цы ӕрцӕудзӕнис, уыдӕттӕ.


Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Фӕлӕ фӕстӕдӕр паддзахы бартӕ айсдзысты Иууылбӕрзонды сыгъдӕджытӕ, ӕмӕ паддзахдзинад мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни сӕ къухы“.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.


Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.


Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.


Стур кӕнӕ фысӕн йӕ къӕхтӕ ӕгӕр даргъ кӕнӕ ӕгӕр цыбыр куы уой, уӕд ӕй ис ӕрхӕссӕн бархийы нывондӕн. Сомыйы нывондӕн ӕй нӕй ӕрхӕссӕн, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.


Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн.


Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмӕн ӕргом чи дзура, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.


«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».


Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кад кӕной уӕ Уӕларвон Фыдӕн.


Иуахӕмы Йесо куывта ӕмӕ, куывд куы фӕци, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу бахатыд: «Хицау, сахуыр нӕ кӕн кувын, Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ».


Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасимӕ цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ уӕ Чи скодта, уыцы Удӕй, ӕмӕ Уый фӕрцы ныхъхъӕр кӕнӕм: «Абба! Нӕ Фыд!»


Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Хорзӕх ӕмӕ уын фарн — Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы мӕнгард дунейӕ — афтӕ бафӕндыди Хуыцауы, нӕ Фыды.


Хорзӕх ӕмӕ уын фарн Хуыцауӕй — нӕ Фыдӕй — ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


Нӕ Фыд Хуыцауӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Чырыстиимӕ иу чи у, Колоссы уыцы сыгъдӕг ӕмӕ иузӕрдион ӕфсымӕртӕм.


Павелӕй, Силуанӕй ӕмӕ Тимофейӕ — Фыд Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы аргъуанмӕ Фессалоникӕйы. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.


нӕ Фыд Хуыцауы раз, мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинад уӕ цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны ӕмӕ уарзтимӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ныфсӕй цы фӕллой кӕнут ӕмӕ куыд ӕнӕфӕцудгӕ стут, уый.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй, Дунедарӕг, чи не скӕндзӕн кад Дӕ номӕн? Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ. Ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ Дӕм кувдзысты, уымӕн ӕмӕ раргом сты Дӕ раст тӕрхӕттӕ».


Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Алелуйа! Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, сси Паддзах!


Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕн лӕууыны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan