Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 11:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Кӕд Ӕз дӕлимонты Веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фырттӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уыдон уын тӕрхонгӕнӕг уӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 11:19
10 Iomraidhean Croise  

Ӕз нӕ — дӕхи ’взаг дӕ кӕны азымджын, дӕхи ныхӕстӕ дыл цӕуынц комдзог.


Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?


Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.


Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,


Уӕд Ын иу хатт Иоанн загъта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаг, фӕлӕ йын уыцы бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ немӕ нӕ цӕуы».


Иудейаг хӕтӕг кӕлӕнгӕнджытӕй дӕр иуӕй-иутӕ ацархайдтой Бардарӕг Йесойы номӕй пайда кӕныныл — дӕлимонты-иу куы сырдтой, уӕд дзырдтой: «Бардзырд уын дӕттӕм, Павел Кӕй тыххӕй дзуры, уыцы Йесойы номӕй».


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan