18 Уӕдӕ кӕд сайтан йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд йӕ паддзахад куыд фӕлӕудзӕни? Сымах та афтӕ дзурут, цыма Ӕз Веелзевулы хъаруйӕ сурын дӕлимонты.
Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?
Уӕдӕ кӕд сайтан сайтаны суры, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны. Ӕмӕ афтӕмӕй цасы фаг суыдзӕни йӕ паддзахад?
Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.
Иуӕй-иутӕ ма афтӕ дӕр загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар Веелзевулы хъаруйӕ».