Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Лука 10:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Сӕ рынчынты сын дзӕбӕх кӕнут ӕмӕ адӕмӕн дзурут: „Ӕрӕввахс уӕм ис Хуыцауы Паддзахад“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Лука 10:9
15 Iomraidhean Croise  

Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта Фарны Уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».


Йесо дзырдта дарддӕр: «Цӕимӕ абарӕм Хуыцауы Паддзахад, цавӕр фӕсномыг ныхасӕй йӕ равдисӕм?


Бирӕ дӕлимонтӕ-иу расырдтой, бирӕ рынчынты оливӕйы сойӕ сӕрстой ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой.


Искӕцы сахармӕ куы бацӕуат ӕмӕ уӕ уым куынӕ суазӕг кӕной, уӕд-иу, уынгты цӕугӕйӕ, дзурут:


„Уӕ сахары нӕ къӕхтыл цы рыг ӕрбадти, уый дӕр ӕрцагътам ӕмӕ уын ӕй уӕхицӕн уадзӕм. Фӕлӕ зонут, Хуыцауы Паддзахад уӕм кӕй ӕрӕввахс ис, уый“.


Арвыста сӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады уац фехъусын кӕнынмӕ, стӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ.


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: дон ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын.


Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕгтӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».


Ныфсджынӕй ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan